Хуыцаубоны, бæлвырддæр зæгъгæйæ та Ногбоны фæстæ къуырисæры æхсæв, фæкæнынц мæрдты бæрæгбон Мæрдты бадæн, хонынц ма йæ Бадæнтæ. Мæрдты бадæн аразынц, ивгъуыд аз зиан кæй хæдзары æрцыд, æрмæстдæр уыдон. Изæрмæ фынг æрцæттæ кæнынц, хонæг арвитыц хиуæттæм.
Уый фæстæ изæрдалынгтæм иууылдæр сæ хæдзæрттæм бацæуынц. Мардмæ æввахсдæр адæймаг дыууæ лæдзæгимæ хæдзары къуымы слæууы, æмæ уынгæгзæрдæйæ бахъарæг кæны. Йæ лæдзджытæ йын байсынц æмæ сæ дзуарæвæрд баст бакæнынц. Уый фæстæ æрбахæссынц марды дарæс æмæ сæ баст лæдзджытыл скæнынц, афтæмæй дзы рауайы сæ марды æнгæс быдыргъ. Адæмы уырнынадмæ гæсгæ дзы марды уд бацæуы, æмæ, рагацау кæй æрцæттæ кæнынц, уыцы бандоныл æй æрфидар кæнынц.
Бандоны алыварс равæрынц мардæн йæ зынаргъдæр дзаумæттæ. Раздæр-иу къулыл сауыгътой, цы хæцæнгæрзтæ дардта, цавæр æрмдæсныйы кусæнгæрзтæй куыста, цавæр фæндырæй цагъта, уыдæттæ.
Фынгыл фæсудзынц мыдадзы цырæгътæ. Марды бандоны цур сæвæрынц дзæрнайы къус æмæ авджы дзаг арахъхъ. Быдыргъ кæуыл сæвæрынц, уыцы бандоны фæйнæ фарс слæууынц нæлгоймæгтæ – иуæрдыгæй, сылгоймæгтæ – иннæрдыгæй æмæ кæуын райдайынц. Ӕхсæв-бонмæ не ‘рсабыр вæййынц. Бонивæнты хистæр лæг, фынгыл кæй ‘рæвæрдтой, уыдон ныххæлар кæны мардæн æмæ арфæ ракæны æхсæвбадæнты лæггадгæнджытæн. Уый фæстæ фынгыл æрбадынц. Бадæнты зианы фынгмæ хонгæ нæ кæнынц.
Ирон динон уырнынадмæ гæсгæ, чи амæлы, уый уд афæдзы дæргъы йæ кæндты æрыздæхы йæ хæдзармæ, йæ бинонтæм йæ хъус фæдары, сæхи куыд дарынц, уымæ гæсгæ сыл хæрзмæ ауды. Уымæ гæсгæ йын мæрдджынтæ йе ‘гъдæуттæ куыд хуыздæр саразыныл архайынц, сæхи уæздан дарынц – хæдзарæй хъæр-хъæлæба хъуамæ ма райхъуыса. Мæрдджын йæ дзыхмæ ног дыргъ, ног халсар не схæсдзæн, цалынмæ дзы йæ мардæн рухс зæгъа, уæдмæ. Уымæ гæсгæ йын афæдзы алы афон дæр цæттæ кæнынц фынджыдзаг. Ногбон куы ралæууы, уæд уый хæдфæстæ Бадæнтæ дæр уыцы æгъдауы фæлгæты вæййыц: уæдæ мах Ногбоныл куы фæцин кодтам, алыхуызон хæрд æмæ нозтæй нæхимæ куы фæкастыстæм, уæд дзы фарон ацафон дæр ма нæ фарсмæ чи уыд, уый хъуагæй куыд ныууадзæм. Ног мард, дам, афæдзы дæргъы йæ алы кæндмæ дæр Мæрдты бæсты хицау Барастырæй йæхи ракуры уæлзæхмæ, æмæ йæ уд æрбацæуы йæ хæдзармæ. Йæ уæлæдарæсæй йын цы быдыргъ скæнынц, уым бацæуы, æмæ йæ фынджыдзаджы хæринæгтæй йæхи хорз фены. Хæргæ та сæ ‘хсæвы чи фæбады, уыдон бакæнынц.
Ацы бæрæгбон адæмæй абон дæр нæ ферох, æрмæст гыццыл фендæрхуызон ис.
Раздæр-иу марды быдыргъмæ хатгæ дæр кодтой. Ома мæнæ ацы хæринæгтæй, дыргътæй, халсартæй дæр ахæр, ацы нозтæй дæр ануаз. Сæрмагондæй ма-иу ын дзыкка дæр скодтой. Стæй-иу æй фæсæмбис марды хуыссæны дæр схуыссын кодтой. Ӕппæт ацы митæ уыдысты се ‘хсæн куы уаиды митæ: бинонты фæндыд, иу æхсæв ма уæддæр се ‘хсæн куы уыдаид, сæ иузæрдион æнкъарæнтæ йын æвдыстой. Фæлæ ирон адæммæ хуымæтæджы нæ баззад ахæм ныхас: «Бадæнты бандон сайаг у».