Театры низæй иу хатт чи фæрынчын вæййы, уый дзы нал сдзæбæх вæййы. Артист сценæмæ куы рацæуы, уæд хуымæтæджы йæ хæс не ‘ххæст кæны. Йæ алы дзырд, йæ алы фезмæлд фæлæвар кæны театрдзауæн. Актеры хæзнаты къæбицæн нæй байсысæн, ис ын æрмæстдæр фæхъæздыгдæр кæнæн. Цæгат Ирыстоны адæмон артист Цæргæсты Дзамболат дæр æм ахадгæ æвæрæн бахаста. Сæйраг рольтæ, уыимæ сæ фылдæр – комедиты.
Куыд зонæм, афтæмæй 2-æм декабры Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл паддзахадон ирон академион театры Иры дзыллӕ хъыгзӕрдӕйӕ фӕстаг фӕндараст загътой сӕ уарзон артист Цæргæсты Дзамболатӕн. Азӕлыд къухӕмдзӕгъд, ивгъуыдӕй нӕм хъуыст йӕ хъӕлӕс, нӕ зонгӕ зарӕджы ныхӕстӕ спектакль «Цола»-йӕ: «Цӕй, цы худут, чызджытӕ, саутӕ, буртӕ, мыдхуызтӕ… Иууылдӕр дзӕбӕх стут – стъалытӕ, зӕххыстӕн!» Цӕстытыл та ауадысты, Ирон театры сценӕйыл цы сурӕттӕ сарӕзта, уыдон. Номдзыд актерыл цыдис 81 аз.
Щукины номыл театралон институты рауагъдон ӕнусы ӕрдӕджы бӕрц лӕггад кодта ирон сценӕйӕн. Цы бирӕ фӕлгонцтӕ сарӕзта, уыдон йӕ курдиаты хъомысӕй адӕмы зӕрдӕты сты цӕрӕццаг. Уӕлдай тынг ӕй бауарзтой, «Цолайы чындзӕхсӕв»-ы куы ахъазыд, уӕд. Йӕ ном ӕнустӕм фыст ӕрцыд ирон театры историйы.
Уӕвгӕ, канд сценӕйыл нӕ хъазыд, фӕлӕ ма кинойы дӕр. «Ах, любовь!», «И оглянулся путник», «Буйный Терек» – ацы кинонывтӕ ӕвдисӕн сты йӕ дӕсныдзинадӕн.
Дзамболат райгуырд Кировыхъæуы. Йæ зæрдæ аивадмæ ‘хсайын райдыдта скъолайы. Йæ ахуыргæнæджы амындмæ гæсгæ цалдæр хатты фæлваргæ дæр кодта театралон училищемæ бацæуын, фæлæ йын басæттын нæ куымдта. Йæ бæллиц сæххæст æрмæст 60-æм азты. 1969 каст фæцис Мæскуыйы Щукины номыл театралон училище. Нæ баззад, цæхæртæ чи калдта, уæрæх фадæттæ кæм уыдис, уыцы егъау горæты. Æрыздæхт йæ фыдыуæзæгмæ.
Театрдзаутæн ма Цæргæсты Дзамболат зонгæ у бирæ спектакльтæй: «Мæ усы лæг», «Хъæддаг чызг», «Сæтти æмæ Бæтти», «Нæ усгур алыгъд», «Зæлийы чындзытæ», «Ирæттæ», «Фыдыуæзæг» æмæ ‘ндæртæй. Фæлæ йæ куыд зонæм, афтæмӕй йæ адæм тынгдæр бахъуыды кодтой Цолайы ролæй. Суанг ма йæ фырбуцæн кæрæдзийы ‘хсæн дæр уыцы номæй хонын райдыдтой. Цыфæнды актер та уый йе стырдæр амондыл фæнымайы.
Дзамболат иу сценæйыл кæимæ æвдыста йæ æвæджиауы курдиат, уыдон дзы се ‘ппæт дæр сæрыстыр уыдысты. Фæзминаг хистæр, кæм хъуыд, уым зонд амыдта, раст фæндагыл сæ арæзта. Хуымæтæджы нæ уыд сценæйы дæсны. Театрдзау-иу кæддæриддæр бафтыд æнкъарæнты зилдухы, фидардæр æмæ нуарджындæр кодта йæ удварн. Дзамболат йæхæдæг дзырдта: «Театр цард айдæнау æвдисы. Чи цавæр у, цæмæ тырнæм, цы хорзæхтæм бæллæм, хæзнатыл цы нымайæм, уыдæттæ». Уыцы зондыл æфтыд уыдысты йе ‘мдугон актертæ иууылдæр. Арæх-иу æрымысыд Цæргæсы-фырт, сценæмæ рахизын ын æнцон кæимæ уыдис, уыцы зындгонд хæлæртты.
Дзамболаты стырдæр бæллиц уыдис Къарол Лиры сурæт саразын. Фæлæ азтæ кæрæдзийы фæдыл халæй куыд атæррæст кодтой, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Йæ бæллиц дæр ын семæ ахастой.
Курдиат фæндонæй ссаргӕ хæзна нæу. Уый Хуыцауы стыр лæвар у. Йæ тых, йæ хъомыс бирæ сты. Куыд зонӕм, афтæмӕй аивад адӕймаджы зӕрдӕ уӕлмонц ӕмæ рухс кæны. Тыхсты сахат ыл ныфсы базыртӕ садзы. Йӕ фӕрцы лӕг йæ алыварс дунемæ æндæр цæстæй кæсы, хъысмæты цæлхдурты сæрты æнцондæрæй хизы, йæ рæсугъддзинæдтыл та йын тынгдӕр баууӕнды. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, аивад тынг разæнгард кæны ирон адæймаджы йæ национ хиæмбарынады фарстатæм раздахын, хатдзæгтæ скæнын æмæ фидӕныл асагъӕс кӕнынмӕ дӕр. Абон дӕр ацы хъуыды у рӕстӕджы ахсджиаг домӕн.
Ацы табуйаг хорзӕхӕн йӕ цард нывондæн чи хаста, йæ дзыллæйæн зæрдæйæ чи лæггад кодта, уыдон уыдысты ирон театры стъалытæ. Се ‘хсӕн ӕнӕмӕнг Цæргӕсты Дзамболат дæр.
Æвӕдза, куыд уӕззау хъысмæты хицау уыд ӕмӕ афтӕмӕй цас цин хаста театрдзаутӕн, йæ хӕлӕрттæн.
Цӕуыс, Цола… Цӕуыс де ‘нусон балцы. Дӕ фӕстӕ ныууагътай ирд фӕд ирон театралон аивады ӕмӕ театрдзауты зӕрдӕты. Цы сценикон сурӕттӕ сарӕзтай, уыдон цӕрдзысты ирон аивады. Рухсаг у. Дӕ ном ӕнусмӕ – мысинаг.
КЪУДУХТЫ Маринӕ